Абон Цæгат Ирыстоны ныффыстой глобалон диктант ирон æвзагæй. Мадзал арæзт цæуы ныр 5-æм хатт. Телеканал «Осетия-Ирыстон»-æй æвдыста комкоммæ эфиры. Сæ зонындзинæдтæ мадæлон æвзагæй сбæлвырд кодтой скъоладзаутæ, ахуыргæнджытæ, студенттæ, стæй, кæй бафæндыд, уыцы адæм. Се 'ппæтæн дæр фадат уыд телевизормæ кæсгæйæ сæ зонындзинæдтæ сбæрæг кæнынæн. Диктанты текст - "Нæ фыдæлты фарн", йæ автор у Джыккайты Шамил. Ацы хъуыддаг ныр цалдæр азы фæд-фæдыл æххæстгонд цæуы нæ республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министрады хъæппæрисæй.